Урочы темæ: «Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр, адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!»
(Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-мæ гæсгæ)
Урочы эпиграф:
Зæххыл расугъд цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:
Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,
Циу цард æнæ сымах?
- Ингæн. (Плиты Грис)
Урочы нысантæ:
1) Равзарын Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».
2) Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.
3) Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.Урочы фæлгонц: Презентаци, Ирыстоны æрдзы нывтæ, æмбисæндтæ, музыкæ.
Дзырдуатон куыст: ныфс, æдас, цардамонд, æвдадзы хос, сæрвæлтау.
Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы: коммуникативон, миддуне хъæздыг кæнын, регулятивон.
Ирон литературæйы урок 5æм къласы
Урочы темæ: «Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр, адджындæр нæ
уыдис æмæ нæй!»
(Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»мæ гæсгæ)
Урочы эпиграф:
Зæххыл расугъд цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:
Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,
Циу цард æнæ сымах?
Ингæн. (Плиты Грис)
Урочы нысантæ:
1) Равзарын Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».
2) Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ
кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.
3) Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Урочы фæлгонц: Презентаци, Ирыстоны æрдзы нывтæ, æмбисæндтæ,
музыкæ.
Дзырдуатон куыст: ныфс, æдас, цардамонд, æвдадзы хос, сæрвæлтау.
Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы: коммуникативон, миддуне
хъæздыг кæнын, регулятивон.
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
1. Мотивацион уавæр. Зæлы зарæг «Фыдыбæстæ». Презентацион æрмæгмæ
гæсгæ (Ирыстоны æрдзы нывтæ) сбæрæг кæнын урочы темæ. Урочы
архайынмæ скъоладзауты сразæнгард кæнын.
Ахуыргæнæг: Цавæр хъуыдытæ, цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд, ацынывтæм кæсгæйæ?
Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæ цавæр уыдзæн? Куыд
æмбарут дзырд «Фыдыбæстæ» ?
Ссарут дзырд «Фыдыбæстæ» мæ синонимтæ.
Уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнут ацы дзырд. Уырыссагау та йын
цавæр синонимтæ ис?
Уæ цæстытæ бацъынд кæнут. Цавæр нывтæ уайы уæ цæстытыл,
Фыдыбæстæйыл хъуыды кæнгæйæ?
Эпиграфыл куыст. Уæ зæрдыл бадарут ацы эпиграф, цымæ йæ хъуыдыимæ
урочы кæрон сразы уыдзыстут.
Чи уæ зоны æмбисæндтæ кæнæ æмдзæвгæтæ Фыдыбæстæйы тыххæй?
Урочы райдайæны цы æрдзы рæсугъддзинæдтæ федтат, уыцы æрдзы
хъæбысы цавæр адæймаг хъуамæ схъомыл уа? Цавæр миниуджытæй
хайджын хъуамæ уа уыцы адæймаг?
II. Урочы темæйыл куыст.
Ахуыргæнæг: Ацы рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ, адæймаджы зæрдæйы
сæвзæры æхсызгон æнкъарæнтæ, фæлæ знаджы бафæндыд нæ зæрдæтæй
уыцы æхсызгондзинад скъахын æмæ ныл цагъайраджы къæлæт бафтауын.
22 июны 1941 азы тугмондаг немыцаг фашисттæ сæ сау фæндтимæ
æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохмæ
Ирыстонæй ацыди 84 мин адæймаджы.Уыдонæй 43 минæй фылдæр нал
раздæхтис хæсты быдырæй. Бирæтæ дзы уыдысты хæрз æрыгон.
Царды циныл чи зарыди, уыцы æрыгон курдиатджын поэттæ дæр скодтойæфсæдтон дарæс, райстой сæ къухтæм хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц
æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæ бахъахъхъæнынмæ.
Фæуагътон мæ фæндыр рæстæгмæ,
Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард.
Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ,
Æз райстон мæ топп æмæ кард.
Гъеуый тыххæй абон, Ирыстон,
Дæ разы мæ цæсгом у рухс.
Гъеуымæн дæн афтæ хъал æз!
Ацы зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ ныффыста уыцы зынгхуыст лæппутæй иу
– Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег. Райгуырд 1920 азы Ольгинскæйы.
Скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны
паддзахадон институтмæ. Фæстаг курсы куы ахуыр кодта, уæд райдыдта
хæст, æмæ йын институт фæуын нæ бантыст. 1941 азы Мухарбег ацыд
Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы быдырмæ, уыдис афицер. Йæ
хъæбатырдзинады тыххæй йын саккаг кодтой «Сырх стъалыйы орден»
(орден Красной звезды) æмæ майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй» (За
отвагу).
Абон нæ урочы базонгæ уыдзыстæм Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæй
иуимæ
2. Дзырдуатон куыст: Цæмæй æмдзæвгæ хуыздар бамбарæм, уый тыххæй
ныртæккæ æрдзурдзыстæм, æмдзæвгæйы цы зынæмбарæн дзырдтæ æмбæлы,
уыдоныл: ныфс – зæрдæ дарын, æдас – æнæ тасæй, цардамонд – амонд
царды, æвдадзы хос – диссаджы хос алы низты ныхмæ, сæрвæлтау – искæй
тыххæй.
3. Хæс: Æмдзæвгæ бакæсын, йæ хъуыдымæ гæсгæ йын сæргонд æрхъуыды
кæнын.
Кочысаты Мухарбег та цымæ цавæр сæргонд радта йе ’мдзæвгæйæн?
Байгомма кæнут уæ чингуытæ 210 æм фарсыл.
Зæгъутма, уæдæ, абон нæ урочы Мухарбеджы æмдзæвгæтæй цавæримæ
базонгæ уыдзыстæ?
4. Текстимæ куыст.
Мах чысыл раздæр æрхастам синонимтæ дзырд «Фыдыбæстæ»мæ,
æркæсæмма текстмæ, Мухарбег та ма куыд хоны фыдыбæстæ йе
’мдзæвгæйы? (Ныййарæг зæхх, мæ цин, мæ цардамонд, мæ зæхх)
Ацы дзырдтæй поэт цыхуызы спайда кодта, цавæр аивадон мадзал
сты? (эпитеттæ) Лирикон герой кæимæ ныхас кæны?
Дзуапп ын исчи дæтты? (ничи) Уæдæ цавæр формæйæ фыст у
æмдзæвгæ? (монолог)
Дыууæ кæнæ фылдæр адæймаджы ныхас та куыд хуыйны? (диалог)
Йæ Райгуырæн бæстæйы æрдзы рæсугъддзинад цавæр дзырдтæй
равдыста поэт? Ссарутма уыцы дзырдтæ æмдзæвгæйы.
Цæстæй фенæн цы ис, уыцы æрдзы нывтæ ссарут. Хъусæй фехъусæн та
цавæр æрдзы фæзындтæ ис? Дæтты хъæлæс æцæг ис фехъусæн? Уæдæ уый
та цавæр аивадон мадзал у? (олицетворени)
Цавæр æмбарынадтæн (дзырдтæн) ис банкъарæн, басмудæн сæ тæфмæ?
(Сывæллæттæ кусынц æмдзæвгæйы текстимæ, агурынц дзырдтæ: урс
хæхтæ, тар хъæдтæ, хъал дæттæ, зад хуымтæ, цъæх быдыртæ, дидинæгджын
фæз)
Равзарæмма ацы дзырдбæстытæ: зæрдæ баст у, хъарм туг, рæзгæ бонтæ
(эпитеттæ). Куыд æмбарут ацы дзырдбæстытæ? Цавæр аивадон мадзалæй
спайда кодта ацы æмдзæвгæйы Мухарбег? (фразеологизмтæй)
Тексты сæ ссарут. Бацамонут сын сæ хъуыды. Цæимæ баст у йæ зæрдæ
Мухарбегæн? Комкоммæ хъуыды йын ис æви ахæсгæ? Уæдæ уый та цавæр
аивадон мадзал у? (ахæсгæ нысаниуæг)
Йæ царды зынаргъ цы у поэтæн? Æппæтæй зынаргъдæр та йын цы у?
Цавæр дзырдтæй æвдисы йæ уарзондзинад? Ссарутма сæ тексты.
Цавæр зæрдæ бавæрдта Мухарбег Фыдыбæстæйæн? Куыд басомы кодта?
Ссарутма тексты уыцы ранхъытæ. Йæ ныхас сæххæст кодта Мухарбег?
(О, фæмард Фыдыбæстæйы сæраппонд)
5. Урочы темæ раргом кæнын.
Цы нын зæгъынмæ хъавыд ацы æмдзæвгæйы поэт? Йæ сæйраг хъуыды
цавæр у?
Абон уын фембæлыны фадат куы уаид Мухарбегимæ, уæд ын цавæр
ныхæстæ зæгъиккат?
Бузныг стæм Мухарбегæй? Цæй тыххæй?
Эпиграфы хъуыды Мухарбеджы æмдзæвгæйы хъуыдыимæ баст у?
Адæймаг йæ фæстæ рухс фæд куы ныууадзы, уæд йæ ном у стыр кады
аккаг, йæ ном баззайы цыртдзæвæны, чиныджы, зарджыты, кадджыты.
Махæн абон нæ бон у Кочысаты Мухарбеджы номыл саразын кады венок.
Уыцы венокмæ уæ йæ дидинæг бафтауын алкæй бон дæр у, æрмæст,
дидинæг æвæргæйæ, æнæмæнг зæгъын хъæуы, цæмæй у Мухарбегæй
бузныг, цæуыл æй сахуыр кодта ацы урочы.(Скъоладзаутæ кусынц интерактивон фæйнæгыл, алы дзаппы фæстæ
æвæрынц Мухарбеджы къамы бынмæ дидинæг)
6. Ассоциативон хъазт. Æххуысæн уын лæвæрд ис дзырдтæ, æмæ сæ
спайда кæнут. Фыдыбæстæ цæимæ бæттут, уæ зæрдæтæм хæстæгдæр цы
дзырдтæ сты, уыцы дзырдтæ исут æмæ сæ дзырд «Фыдыбæстæ»йы алыварс
æвæрут. (Интерактивон фæйнæгыл куыст, рауайдзæн дзы хур)
7. Рефлекси:
Æз абон базыдтон…
. Урочы мæм цымыдисаг фæкаст …
Мæ зæрдæмæ фæцыд...
Мæ зæрдыл дардзынæн...
Нæхимæ радзурдзынæн …
III. Хæдзармæ куыст.
1) Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» сахуыр кæнын
зæрдывæрдæй.2) Уæ хæдзарвæндагæй кæд исчи хæсты уыд, уæд ын йæ къам ссарут,
ныффыссут цыбыр хъусынгæнинаг йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Уыцы
æрмæгæй сараздзыстут уæ къласы чиныг, æрхъуыды йын кæндзыстут
сæргонд.